Рæнгъæбæл, мæ саргъбæл æрфунæй дæн.
Хуссæги нæ хизта нæ гъæйтт зæгъæг...
Райзадтæн, еунæгæй фæдздзæгъæл дæн.
Æррæстæ нæ уайуй хуссигъæлдзæг.
Ме ‘нбалти ефхæссунцæ хъозæндтæ, —
тундзунцæ хæлæфæй сæ хæйттæмæ.
Цæттæ ‘нцæ мæнæн дæр мæ рæуæнттæ.
Зæгъдзæн син: «Фæццудтæн нæ хумтæмæ!»
Сау бæхи фæссайдтон бæхбадæгæй,
раууелун æфсæрмæй мæ кæрци дус.
Хай к’ уайдæ фæстагæн, бакоминæ ‘й.
Ме’вдесæн мæ дзиппи мæ орс къимбус.
Автор: БАГРАЕВ Созур