(Фиддæлти цардæй)
Думуй, гъизуй нæ сау хонхи.
Мæсуг гъæрзуй æ фарсæй.
Лæгæн æ гæрзтæ æ къохи,
ефтигъд æ фат, æ хуасæй.
Нæ лæг зинтæй æрзæронд æй,
сæрæй цæстæй фæлгæсуй,
æрветуй цард æнамондæй,
кæсуй, цæстæй фæлмæцуй.
Бунæй, хæдзари бинонтæ —
тæрсуй уонæн хæссунæй.
Судæй неунцæ биццеутæ,
сæ еу хуссуй æрхунæй.
Зинæн бухсуй сæ ниййерæг,
кæуй, хъуæцæй лæмаруй.
Зæгъуй: «Цæттæ’й уæ фезонæг», —
фид син бæрцæй иуаруй.
***
(Фыдæлты цардæй)
Дымы, хъызы нæ сау хохы.
Мæсыг хъæрзы йæ фарсæй.
Лæгæн йæ гæрзтæ йæ къухы,
Ифтыгъд ысты æгасæй.
Нæ лæг зынтæй æрзæрондис,
Сæрæй, цæстæй фæлгæсы,
Æрвиты цард æнамондæй,
Кæсы, цæстæй фæлмæцы.
Бынæй, хæдзары бинонтæ —
Тæрсы-иу сын хæссынæй.
Сыдæй ниуынц сывæллæттæ,
Сæ иу хуыссы рынчынæй.
Зынæн быхсы сæ ниййарæг,
Кæуы, фæздæг лæмары.
Зæгъы: «цæттæ уæ физонæг», —
Фыд сын мисхалгай уары.
Автор: БАГРАЕВ Созур