(Гъарæнгæ)
Мæ бон бакæла, мæ ниййергутæй
дзæгъæл ку нийзадтæн.
Мæ хъал æнсувæр, дæ од есунбæл
цирагъ дарæг ку адтæн.
Цæмæн ма цæрун, æгадæй цæргæй,
цæмæн ма фæразун.
Ци хъæбæр зин æй, хæдзарæй цæугæй,
уæхæн мард ниууадзун...
Мæ бинонти цагъд мæ цæстæй уингæй,
сæ бунбæл ку ниудтон, —
рæузæрдæ кизгау цард иссерунмæ
цæмæн ма нифс кодтон.
Фудирай фæууа, мæнгæ ка дзурдта:
«Некæдбал радавдзæй».
Фудæнгъæл фæууон, ку неци ‘ймæ ес
сæ фидтæлти фарнæй.
Тæходуй, æма нæ хедгун кустæй
нæхе ку хæссйанæ.
Нæ сувæллæнтти нæ фæдбæл хонгæй,
ку нæ син тæрсианæ.
Фал йе ‘сæвди куст æ зунди’й, æма’й
ку нæбал ниууадздзæй.
Æ кустмæ бæллæг’зæрдæ’й æма’й
хъæбæр тагъд ку стъалдзæй.
***
(Хъарæг)
Мæ бон бакæла, мæ ниййарджытæй
дзæгъæл куы баззадтæн.
Мæ хъал æфсымæр, дæ удисыныл
цырагъдарæг к' уадтæн.
Цæмæн ма цæрын, æгадæй цæргæ,
дæмæн ма фæразын.
Цы хъæбæр зын у, хæдзарæй цæугæ,
ахæм мард ныууадзын.
Мæ бинонты цагъд мæ цæстæй уынгæ,
сæ быныл куы ниудтон.
Рæузæрдæ чызгау, цард æссарынмæ
цæмæн мæ ныфс хастон.
Фыдбойнаг фæуа, мæнгтæ чи дзырдта:
«Нал радавдзæнис, нæй».
Фыдæнхъæл фæуон, куы ницы йæм ис
сæ фыдæлты фарнæй.
Тæхуды æмæ хид калгæ куыстæй
нæхи куы хæссиккам.
Нæ сывæллæтты нæ фæдыл хонгæ,
куы нæ сын тæрсиккам.
Фæл' йе сæфты куыст зоны æмæ йæ
куы нæ уал ныууадздзæн.
Куыстмæ бæллæг та зæрдæ у 'мæ йæ
хъæбæр тагъд куы стъæлдзæн.
Автор: БАГРАЕВ Созур