Мæнæн æнцон нæй Сирауи нæуи
æнæййевæгæй хумæ кæнун.
Дæуау азбарбæл Дзæуæгигъæуи
зæрдидзæбæхæн ку нæ цæун.
Мæнæн æнцон нæй мæ еунæг одæй
æнæ нимæтæй бæхгæс хæтун.
Уæд-еу уазалæй сæйгæ фæууогæй,
мæ гъар хуссæнтæй нæ фæннæтун.
Зæгъис æнцон, фал куд бафæразтай?
Кæд исæнцон æй косæг лæгæн.
Нæ дæ ефтигъд, фал куд неци фæйдтай?
Хæрдмæ фæккæсис, æвæццæгæн.
Автор: БАГРАЕВ Созур