Ку базудтон хъæбæр раги мæ еунæг,
уæд ма мæмæ цæмæн дзоруй уæ хонæг.
Ниммæуагътæ, уæ кувдмæ дæр нæ цæун,
уæ минаси зæрдигъæлдзæг нæ фæуун.
Уæ астæу мин исарæх уй инæфун,
уæ карз дзурдæй фунæййæй дæр æстъæлфун.
Ниуазетæ, мæн хузæн дзи нæ гъæуй;
æнамондæй уæ хъазар лæг нæ мæлуй.
Ку фæххуæрун хебæраги мæ кæрдзин,
нæ мин фæууй, еунæг уогæй, отæ зин.
Ку фæлледзун идарддæрмæ уæ дзолæй, —
фулдæр уарзун уæд алкедæр изолæй.
Фал дуйнебæл зин цæрæн æй еунæгæн.
Хаттæй-хатт, цид, исæнбал ун берæгъæн.
Неци зонун, зæрди незæн нæ зæгъун, —
растисафæг, мæнгæвдесæн нæ лæуун.
Неци зонун, нæуарзон уин цæмæн дæн:
некæд ерун хуæздæр над дæр мæ фæндæн.
Нæ фæббоз дæн мæ ниййерæг — мæ мадæй,
цæмæн задæй æ биццеуи æгадæй.
Цæмæн хæтун бæгъæнвадæй, бæгънæгæй,
цæмæн цæрун æскъуддзагæй, еунæгæй?
Ниммæуагътæ, уæ кувдмæ дæр нæ цæун,—
уæ минаси æнæфхуæрдæй нæ фæуун.
***
Куы базыдтон хъæбæр раджы мæ иунæг,
уæд ма мæм ныр цæмæ дзуры уæ хонæг?
Ныууадзут мæ, уæ куывдмæ дæр нæ цæуын,
уæ минасы зæрдæхъæлдзæг нæ фæуын.
Уæ астæу мын æсарæх и æнæ фын,
уæ карз дзырдæй фынæйæ дæр æстъæлфын.
Нуазут уæдæ, мæ хуызæн дзы нæ хъæуы;
æнамондæй уæ хъазар лæг нæ мæлы.
Куы фæхæрын æз хибарæй мæ кæрдзын,
нæ мын вæющ, иунæг уæвгæ, афтæ зын.
Куы фæлидзЫн, дарддæр хаутæ, уæ цардæй,
фылдæр уарзын уæд алкæйдæр æз дардæй.
Фæл' дунейыл зын цæрæн у иунæгæн.
Хаттæй-хатт-иу сæмбал вæййы бирæгъæн.
Ницы зонын, зæрды низæн нæ зæгъын, —
расты сафæг, мæнгæвдисæн нæ лæууын.
Ницы зонын, нæуарзон уын цæмæн дæн:
хуыздæр фæндаг дæр кæм ссарон мæ фæндæн.
Бузныг нæ дæн мæ ниййарæг — мæ мадæй.
Цæмæн ардта йæ лæппуйы æгадæй?
Цæмæн хæтын бæгъæмвадæй, бæгънæгæй,
цæмæн цæрын æскъуыддзагæй, иунæгæй?
Ныууадзут мæ, уæ куывдмæ дæр нæ цæуын, —
уæ минасы æнæфхæрдæй нæ фæуын.
Автор: БАГРАЕВ Созур