Мæ зæрдæ, мæ зæрдæ!
Цæвагæ цæмæн дæ,
уой мин зæгъæ.
Зонун, куд дзæгъæл дæ —
цардæн куд лимæн дæ —
«Кардæн — сæгъæ».
Дæ зинтæ ниууадзæ,
бардзæй сæ тæразæ
есгæд уæзæй.
Рахгæнæ курдбадзæ,
дуар дæр ин ниндадзæ
тогæй, рæдзæй.
Ресагæ цæмæн дæ?
Ниууадзæ дæ фæндæ,
корун дæуæй.
Цардæн æ фудæнхæ,
райсдзæй нæ нæ зæнхæ, —
ледзæн гъæуæй.
***
Мæ зæрдæ, мæ зæрдæ!
Цæваг мын цæмæн дæ,
уый-ма мын зæгъ.
Зонын, куыд дзæгъæл дæ —
цардæн куыд лымæн дæ.
«Кардæн, дам, сæгъ».
Ныууадз-ма дæ зынтæ,
тæразыл барынтæ
искæд уæзæй.
'Рæхгæн дæ куырдадз,
дуар дæр ыл нындадз
тугæй, рондзæй.
Цæмæн мын дæ риссаг?
Ныууадз-ма дæ фæндтæ,
курын дæуæй.
Нæ цардæн йæ фыдæх
куы райсдзæн нæхи зæхх, —
лидзæм хъæуæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур