Нæбал мин ес мæ гъар хуссæн, —
нæзи фæйнæг мæ буни.
Хуцау зонуй, ку бахуссон, —
ци фæууиндзæн мæ фуни.
Цæмæй зонун, куд цæрунцæ
мæ тухст мадæ, мæ хуæртæ.
Æвæццæгæн, никкæунцæ,
зæрдихалæн — сæ гъæртæ.
Нæ мæ гъæуй они кæун,
евгъуйæнтæ сæ бæнттæ.
Низзарун, цид: тугъдмæ цæун!
Æрхæсдзæн дзи нивæндтæ.
Бæргæ зарун фæлладæй дæр,
фал бунмæ ниууолæфун,
æруадзун, цид, мæ гъунгун сæр —
зæрдунгæгæй нийнæфун.
Æвеппайди мæ сау рæсугъд
мæ зæрдæбæл ку’рлæууй, —
хуæрунбæл дæр мæ цæстисуг
мæ фингæбæл нигъзæлуй.
Мæнгæ дзурд уин нæ фæууодзæн:
берæ уарзун нæ бæстæ,
фал уегасемæй еу одæн
фулдæр уарзуй мæ цæстæ.
Æ уиндæмæ ку фæббæллун, —
ниххуссун мæ фæйнæгбæл,
фал ме’намондæн фегъал ун,
‘ма тухсун мæ еунæгбæл.
Автор: БАГРАЕВ Созур