Нигъгъæрзæн нæ фæрстæй,
нæ хуæддзо æлдар нин
нæ къæхтæ ку бæттуй.
Нæ зæнхæй, нæ бæстæй
цирти фагæ дæр нин
туххæй ма ку дæдтуй.
Куд цæрдзйан æвдустæй
нæ дойрон иуæнгтæй
ку неке ивазæн.
Нигъгъæрзæн нæ фæрстæй
нæ хуæддзой æфхуæрдæй
ку нæбал фæразæн.
Нигъгъæрзæн нæ фæрстæй
нæ хуæддзо æлдар нæ
нæ цармæ ку соруй.
Искæсæн нæ цæстæй,
нæ хонхаг фиййау нæ
æ зари ку дзоруй.
Куд цæрдзйан ефтигъдæй,
нæ бæрзæййи цъæйæ
нæ хъурбæл ку тæдза.
Куд гъæрздзйан нæ циртæй —
нæ сау хонхи къæйæ
нæ реубæл ку’ндæдза.
Автор: БАГРАЕВ Созур