Кæсæ, дацци, дæ биццеумæ,
есге номæй ка хæтуй,
фенцон æнгъæл бонæй-бонмæ
зиндæр зинтæй ка нæтуй.
Алкæмæн дæр ниллæг дзоргæй,
зæрдæ ресгæй ка цæруй,
бастонг уогæй, дзол нæ ергæй,
æнцæди дæр ка хуæруй.
Ку не ‘гъустон дæ дзурдтæмæ,
зæрди фæдбæл ку цудтæн,
бæллун нур ба дæ уиндæмæ,
нурмæ дæр дæ ку гъудтæн.
Уæууæй, мæ бон, о мæ мадæ!
Еунæг æз ма дин ку дæн.
Мæн дæр æнгъæл ку нæбал дæ,
раги ку фæдздзæгъæл дæн.
Автор: БАГРАЕВ Созур