Еунæгдæр нæ бухстæй зуймон ехæнæн,
мæгур лæг нæ гæлста æ бузуртæ,
фæззиндтæй нæ уалдзæг, дуйнети нивæн,
æ фарнæй ниххудтæнцæ будуртæ.
Нæбал гъæунцæ нур уæззау кæрцитæ, —
нæ хуймон искафуй уæгъд курæти.
Æскъунунцæ донæй федар мæскъитæ,
сæ метдон ма уайуй сæ цæгæтти.
Сæ хонсарæй фиййау бæласи бунæй
æ хæтæлæй цæгъдуй æ фустæбæл.
Фæййервазтæй алке зиндони зинæй —
æрæнцадæй дзенет нæ бæстæбæл.
Æвзестау æрттевуй рæзи дзæгæрæг —
низзарунцæ оми берæ мæргътæ.
Ходæзмолæй дзоруй мæтъæлзæрдæ лæг, —
нæ уалдзæг, нæ уалдзæг, ци дзæбæх дæ!
***
Иунæг дæр нæ быхста зымæгон ихæн,
мæгуыр лæг нæ калдта йæ бызгъуыртæ, —
фæзынди нæ уалдзæг дунеты нывæн,
йæ фарнæй ныххудтысты дунетæ.
Кæй ма хъæуынц гъеныр уæззау кæрцытæ, —
нæ хуымон æскафы уæгъд куырæты.
Донæй скъуыдтæ кæнынц фидар адгуытæ,
сæ митдон ма уайы сæ цæгæтты.
Сæ хуссарæй фиййау бæласы бынæй
йæ хæтæлæй сцæгъды дзуг фыстыл.
Ныр алчидæр фервæзт зындоны зынæй —
æрæнцади дзæнæт нæ буц бæстыл.
Æвзистау æрттивы нæртон дзæгæрæг, —
ныззарынц дыргъдоны бирæ мæргътæ.
Мидбылхудгæ дзуры мæтъæлзæрдæ лæг:
— Нæ уалдзæг, нæ уалдзæг, цы дзæбæх дæ!
Автор: БАГРАЕВ Созур