Уалдзигон фиййау нин
сугъзæрийнæ феста
уæрæйдæ заргæй.
Не Скæнæг Хуцау нæ
цæмæн исфæлдиста
уæлгъæди мардæй.
Саугъæдтон берæгътæн
сæ рæйун игъосгæй
нæбал фæразæн.
Адæмти æстуфмæ
нæ сæр исæргъувгæй,
цæмæн сæ уадзæн?
Фезмæлæ, косагæ,
æхцинæй дин хинст уа,
кустæй æруайгæй.
Фесæфæ, тæрсагæ,
кæрдзинæй дин хист уа,
уæрæйдæ заргæй.
***
Уалдзыгон фиййау нын
сыгъзæрин цы феста,
уæрæйдæ заргæ.
Не скæнæг хуыцау нæ
цæмæн æсфæлдыста
уæлгъæдæй мардæй.
Сау хъæды бирæгътæн
сæ рæйынмæ хъусын
куы нал фæразæм.
Адæмты унæрмæ
нæ сæр сæрхъуагæй,
цæмæн сæ уадзæм?
Фезмæл-ма, кусæг лæг,
æхцинæй дын хинст
куыстæй æруайгæ.
Фесæф, тæрсаг цыдæр,
кæрдзынæй дын хист
кæрдзынæй дын хист уа.
Автор: БАГРАЕВ Созур