Уæууæй, уæууæй, нæ фæззæг,
фæцан дин мах кæуйнаг,
зæгъддзаг фæцæй нæ тиллæг,
нæ фонс фæцæй хæлæйфаг.
Фудбон хæссис дæ разæй,
уарун, кæун фæразис,
фудæн кæун’хуасæ æй —
уомæй дæ пурх искалис.
Махæн не’фцæгбæл æрдзæг,
цæрун нæ бон нæбал æй.
Еу ни нæййес сæрæн лæг,
фудфун уинæн игъалæй.
Уæууæй, уæууæй, нæ фæззæг, —
ду дæр кæуис хæкъурццæй.
Фæцæй нæ фонс, нæ тиллæг —
зиин сæ думуй къурццæй.
Мах дæр неуæн æстонгæй, —
тарст лæг зинæн фæразон.
Неугæй, нæ фид, нæ тогæй
федæн зиинтæн хъалон.
***
Уæууай, уæууай, нæ фæззæг,
куы дын фестæм кæуинаг.
Дзырдтаг фæци нæ тыллæг,
нæ фос фæци хæлæйфаг.
Фыдбон хæссыс дæ разæй,
уарын, кæуын фæразыс.
Фыдæн кæуын йæ хос у —
уымæй дæ пырх ыскалыс.
Махæн йе 'фцæгыл æцæг
цæрын нæ бон куы нал у.
Иу ын куы нæу сæрæн лæг,
фыд-фын уынæм нæ хъалæй.
Уæууæй, уæууæй, нæ фæззæг, —
ды дæр кæуыс хæкъуырццæй.
Сæфынц нæ фос, нæ тыллæг —
зин сæ дымы йæ куынцæй.
Мах дæр ниуæм æстонгæй.
Тарст лæг зынæн фæразон.
Ниугæ, нæ фыд, нæ тугæй
фидæм зинтæн сæ хъалон.
Автор: БАГРАЕВ Созур