Мæнгæ таустæй, цъухæй надæй
дæ минкъи сау зунд ниффæлладæй.
Цæмæн игъосис сæ дзорунмæ, —
афонæ дин ку’æй лæдæрунмæ.
Ку дæ мардтонцæ гъезæмарæй —
ку нихъхъуæцдзуд дæ нæ сæнарæй.
Цæмæн ма хæссис уæхæн уæзæ?
Дæ нифси фæрци фæййервæзæ!
Ци фæдтæн-фæдтæн фæййервазтæй,
куд уон, ци уонæн æ сæр хастæй.
Цæмæннæ фестис зæрдæсастæй,
изаис бабæй сæрæй бастæй.
***
Мæнг тауыстæй 'мæ дзыхæй надæй
дæ мæнкъи сау зонд ныффæллади.
Цæмæн фæхъусыс сæ дзурынмæ, —
афон дын куы у лæбурынмæ.
Куы-иу дæ мардтой хъизæмарæй
куы ныхъхъæцыдтæ нæ сæнарæй.
Цæмæн ма хæссыс ды ахæм уæз?
Дæ ныфсы фæрцы тагъд раирвæз!
«Цы фæдæн-фæдæн», — лæг фервæзти
«Куыд уон, цы уон»-ы сæр фесæфти.
Цæмæн нæ фестыс зæрдæсастæй,
куы та нын зайыс сæрæй бастæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур