Куд нæ кæуон, кæуйнæгтæ
берæ ку ес зæнхæбæл.
Еугурæйдæр сæ зин бæнттæ
ку лæуунцæ зæрдæбæл.
Уæхæн незæй зæрдæ цæвгæй,
уæд æ хуасæ кæун æй.
Фудæфхуæрд лæг æнæскæугæй
фæтътъæпп уодзæй æрхунæй.
Кæун гъæуй! Нури доги
кæбæл нæййес кæуæн бон?
Цæмæн æвдулуй æ тоги,
сигит хуæргæй, нæ хуймон?
***
Куыд нæ кæуон, кæуинæгтæ
бирæ куы ис нæ зæххыл.
Иугуырæй дæр сæ зын бонтæ
куы фæлæууынц мæ зæрдыл.
Ахæм низæй зæрдæ цæвгæ, —
уæд йæ хос та кæуын у.
Фыдæфхæрд лæг æнæ скæугæ,
фæтъæпп уаид æрхуымæй.
Кæуын хъæуы! Ныры дуджы
кæуыл нæм нæй кæуæн бон?
Цæмæн мæцы йæхи туджы,
сыджыт хæргæ, нæ хуымон?
Автор: БАГРАЕВ Созур