Гоппойтæ бабæй есге фæллойнæй
ку райдæдтонцæ сæхе æфсадун.
Мæгурти фонсбæл нæ марди номæй
ку бандиудтонцæ æргом низзарун.
Мæстзæрдæ Къоста, æгас ма к’уайсæ —
де’нном исун сæ нæ бауагътайсæ.
Се’мбесæндти кой муггагмæ дессаг —
иссæнцæ бабæй нæ хуари мосаг.
***
Гоппойтæ та дын искæй фæллойæ
куы райдыдтой ныр сæхи æфсадын.
Мæгуырты фосыл нæ марды номæй
куы байдыдтой, куы, æргом ныззарын.
Мæстзæрдæ Къоста, æгас ма к' уаис —
дæ ном исын сæ нæ бауагътаис.
Се 'мбисæндты кой мыггагмæ диссаг —
фестадысты та нæ хоры мусаг.
Автор: БАГРАЕВ Созур