Æз агурдтон рæстдзинадæ,
ма’ймæ зæнхæмæ цæун, —
фал ци? Нæ кæнун зинадæ,
уæддæр зæнхи дæр гъæун.
Гъæстаг-мæстаг нæ хестæртæ.
Пъурай калм дæр фæццæруй.
Кæд нин телунцæ се’фсæртæ,
уæддæр дортæ æгъзæлуй.
Кæд нин не схæссæг — нæ мадæ
йе’хсир калуй æ реутæй,
уæддæр сирд сирдæн æрвадæ —
фонсæн гъазуй сæ уодтæй.
Рæстдзинадæ, рæстдзинадæ!
Уотæ дзоргæй, æз мæлун,
фал седзæрти хор, ци’рбадæ?
Цæмæн сæ уадзис сæлун?
Автор: БАГРАЕВ Созур