Зуймон мæйрохсæй
ирд æрттивтонцæ
Дигори хуæнхтæ.
Мæрдон хуссæгæй
æнцад хустæнцæ
Мæцути мæрдтæ.
Дорин обæйттæн
цъæх-ех иссæнцæ
сæ бугъзур фæрстæ.
Уадусми ниудæн
фæрсаг кодтонцæ
сæ уæлмæрдгæстæ.
Æхсæйвон угтæ
æдзох уастонцæ,
мардбæл неуæгау.
Рагон хæрнæгътæ
нурмæ н’адтæнцæ
ести æнгъæлдзау.
Ку’ртахтæй сæмæ
Хъæреуи хонхæй
зæронд цъæх цæргæс.
Байгом син кодта
æнæ фудæнхæй
æ устур гъæлæс:
«Фестетæ, мæрдтæ,
æригъал уотæ
уæ тарф хуссæгæй!»
Хириз æстугтæ
къæс-къæс кæнунцæ
сæ бериндзунæй.
***
Зымæгон æхсæв
мæйрухсмæ 'рттывтой
Дыгуры хæхтæ.
Мæрдон хуыссæгæй
куы фынæй кодтой
Мæцуты хæхтæ.
Дурын обæуттæн
цъæх их куы скалдтой
сæ бæгънæг фæрстæ.
Уадымсы ниудæн
куы бахъырныдтой
сæ уæлмæрдгæстæ.
Æхсæвы уыгтæ
æдзух уасыдысты
мардыл ниуæгау.
Рагон хæррæгътæ
нырмæ уыдысты
цыдæр æнхъæлцау.
Куы сæм æртахти
Хъæриуы хохæй
зæронд цъæх цæргæс.
Байгом сын кодта
æнæ фыдæхæй
уый йе стыр хъæлæс:
«Рабадут, мæрдтæ,
æрыхъал-ма ут
уæ тарф хуыссæгæй!»
Хырыз æстджытæ
ныкъæс-къæс кодтой
сæ комулæфтæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур