Нæ мæрдтæ уæлмæрдти
хуссунцæ æнцад.
Не’гæстæ сæ бæнтти
кæнунцæ сæ цард.
Кæд æз зæрдæвæрæн
кæнун мæхецæн,
уæддæр фæдздзæгъæл дæн
дууетæн се’хсæн.
Кæд æз нæ зинбæнтти
æнцад нæ бадтæн, —
нæ хуæхти, нæ гъæдти
сирдау фæххаттæн, —
кæд æз мæ реу даргæй,
зæрдæй фæттухтæн,
уæд нур, нез иссергæй,
дзæгъæл цæмæн дæн?
***
Нæ мæрдтæ уæлмæрдты
куы хуыссынц æнцад.
Нæ гæстæ кæмдæрты
æрвитынц сæ цард.
Кæд ма æз, æнхъæл дæн,
зæрдæсаст нæ дæн,
уæддæр фæдзæгъæл дæн
сæ дыууæты 'хсæн.
Кæд æз не стыр тохты
нæ уыдтæн æвгъау,
нæ хæхты, нæ къохты
фæхаттæн, сырдау, —
Кæд æз, мæ риу даргæ,
зæрдæджын уыдтæн,
уæд ныр, низ æссаргæ,
дзæгъæл цæмæн дæн?
Автор: БАГРАЕВ Созур