(Æвзист)
Бæргæ орс айтæ, фал нур иссурх айтæ,
расуг дæн æви æрвонг?
Нæ Киристей номæй нин фæцъцъирдтайтæ
дууæ мин анзи нæ тог.
Тохун гъæуй, зæгъгæ, мах исистадан, —
хонх ниббуройнæ’й фæндон,
фал нури уæнгæ ци нез, цæмæй садан,
е æвæруй нур æндон.
Нур Ленини номæй мах ци дæметæ,
кæд сæркъуæр адтæ ду дæр.
Ду фуддæрагæн зæгъис: «Нæ бæззетæ»,
фал додоййаг мин дæ сæр.
***
(Æвзыст)
Бæргæ уыдыстут урс, фæлæ ныр æссырх æстут, —
расыг дæн æви æрвонг?
Чырыстийы номæй нæ тугцъиртæ уыдыстут
раст дыууæ мин азы онг.
Хæцын хъæуы, зæгъгæ, мах сыстадыстæм, —
хох ныббырон и бынтон,
фæлæ нырмæ цы низ, цæмæй садыстæм,
уый æвæры ныр æндон.
Ныр Ленины номæй мах уый цы домут, —
кæд сæркъуыр уыдтæ ды дæр?
Ды фыддæрадæн зæгъыс «нæ бæззут», —
фæл' мын додойаг дæ сæр!
Автор: БАГРАЕВ Созур