Цард цæуй кустæй аразгæй.
Гъæйтт зæгъун.
Хъуæлти гъазун ме’фсæйнагæй.
Цъинкк кæнун.
Цард ихæлд æй, уой æфсонтæй
сонт сæйуй.
Цъинкк кæнун, мæ рист фæсонтæй
хед цæуй.
Хæрдмæ хауй зинги стъæлфæг,
пурх кæнуй.
Цох ми бадуй магоса лæг,
финдз тæдзуй.
Цард цæуй кусти фадуатæй.
Гъæйтт зæгъун.
Зунд нæ есун магосатæй.
Цъинкк кæнун.
***
Цард цæуы куыстæй аразгæ.
Гъæйтт зæгъын.
Хъæлтау хъазын ме 'фсæйнагæй.
Цъыкк кæнын.
Цард, дам, зæлд у, уый æфсонтæй
сонт сæйы.
Цъыкк кæнын, мæ рыст фæсонтæй
хид цæуы.
Хæрдмæ хауы зынджы стъæлфæн,
пырх кæны.
Уæгъды бады магуса лæг,
фындз тæдзы.
Цард цæуы куысты фадатæй.
Гъæйтт зæгъын.
Зонд нæ исын магусатæй.
Цъыкк кæнын.
Автор: БАГРАЕВ Созур