Дæ хевастæй
динбæл цæуæг
нæ фæдтæ.
Фал уой мастæй
ахургæнæг
ниллæудтæ.
Фæййагоргæй
раст цардиуаг
изолти.
Нимæхст уогæй
дæ зæрдиуаг
дæ реути.
Ис «Кермен» дæ,
сосæг кустмæ
æрцудтæ.
Исæргом дæ...
Уæд еу усмæ
фæттухтæ.
Нæ сау гъæдти
ниссудæнцæ
дæ нихтæ.
Нæ сау бæнтти
Гурдзистонмæ
фæллигъдтæ.
Фал не’ знæгтæн
ку басастæй
сæ хъаурæ —
дæ бæдæлттæн
нæбал адтæй
хæдзарæ.
Уæд рæстæгмæ
нæ рæнгъитæй
фæццох дæ.
Фал ма ‘нгъæлæ,
кæд зæрдитæй
иронх дæ...
Цардаразæг,
ахургæнæг
æрлæудтæ.
Кувди бадæг,
хистмæ цæуæг
некæд дæ.
Нæ сабитæн,
фун уингæй дæр
мæсуг дæ.
Æхцæуæн син
кæддæриддæр
дæ уиндæ.
***
Дæ хивæндæй
диныл цæуæг
нæ фæдæ.
Уæд уый мастæй
ахуыргæнæг
куы ысдæ.
Куыд агуырдтай
раст цардыуаг,
куыд дæрдты.
Æмбæхст дардтай
дæ зæрдæуаг
дæ тæртты.
Ыс «Кермен» дæ,
Сусæг куыстмæ
æрцыдтæ.
Ысæргом дæ.
Иунæг усмæ
хъæрзыдтæ.
Нæ сау хъæды
ныссыдысты
дæ ныхтæ.
Æмбæхст рæтты
дард Гуырдзымæ
фæлыгътæ.
Уæд не знæгтæн
куы басастой
сæ хъару —
дæ бæдултæн
нæма ардтай
хъæрмуат къуым.
Цы рæстæгмæ
нæ рæнхъытæй
фæцух дæ.
'Рмæст ма фенхъæл
нæ зæрдæтæй
дæр рох дæ.
Нæ цардараз
ахуыргæнæг
куы ысдæ.
Куывдтæм арæзт,
хистмæцæуаг
нæ фæдæ.
Нæ сабитæн
фынуынгæ дæр
мæсыг дæ.
Уæд таубитæм
цинæй калынц
цæссыгтæ.
Автор: БАГРАЕВ Созур