Нæ зонун — цæмæй æй
сумах æхсарæ.
Æнцонæй есгæ нæй
нæ царди барæ.
Цæрдзинан, хуæрдзинан
нæхе фæллойнæ.
Косдзинан, есдзинан
нæ зæнхи сойнæ.
Фидгун æй, сонгун æй
нæ мадæ-зæнхæ.
Гъæздуг æй, бонгин æй
сумах фудæнхæ.
Тугъд уогæй, нæ разæй
сумах мæлдзйайтæ.
Нурмийау агъазæй
нæ ервæздзйайтæ.
Автор: БАГРАЕВ Созур