Лæг, дан, æ нифсæй æй,
æмбурди дæ бартæ
агорæ ду дæр.
Гъудтаг гъæлæсæй æй.
Æмбурдмæ гъæлатæ
æрхонæ фулдæр.
Уо син кæнгæ фиййау,
æлгъетæ дæ мади,
ходæ син: «хе-хе»...
Нæрсæ хæсгæ хуййау,
цардæн дæр æ цади
æвдолæ дæхе.
Автор: БАГРАЕВ Созур