Акъоти Алибегæн
Зарæ нин, кафæ нин,
стур зæрдæ уо.
Зарæ, мæн арфæ дин —
стур лæг исуо.
Махæн ниббугъзур æй
надæй нæ цар,
фал нур æнæ зинæй
зарæ дæ зар.
Зарæ, ирæздзæнæ,
тавдзæй дæ хор.
Цардæн æвæрдзæнæ
уагæй бундор.
Автор: БАГРАЕВ Созур