Бæрзонд хуæнхти сæртæй цъететæ гъизунцæ.
Тар гъæдæ сæ буни цæурæхцæ кæнуй.
Æносон лæгæтти сирдтæ дæр хуссунцæ.
Арв дæр мин цæстемæй гъæдæмæ кæсуй.
Даргъ зуймон æхсæви ку’сцудæй мæйæ дæр, —
йе дæр, саст æхсирфау, равдиста æхе.
Кирсæ къалеутæбæл рæхцунцæ мæргътæ дæр,
æнсури ирдгæмæ тавунцæ сæхе.
Арф унгæг мæскъитæй не’гъусуй дони гъæр,
йе’рцæвæн дортæбæл ниймирæй ехæй.
Сор сифтæри бунæй не’змæлуй мистæ дæр,
салд æхсæрæ сæттун уомæй иронх æй.
***
Бæрзонд хæхты сæртæй цъититæ куы хъызынц,
Сæ дæлбазыр тар хъæд рæуфынæй кæны.
Æнусон лæгæтты сырдтæ дæр куы хуыссынц,
Йæ мин цæстæй арв дæр ныр хъæдмæ кæсы.
Зымæгон даргъ æхсæв куы сфардæг и мæй дæр, —
саст æхсырфау, равдыста уый дæр йæхи.
Чырс къалиутыл бамыр ис мæргъты фынæй дæр,
æссыр-мæйы ирдгæмæ тавынц сæхи.
Уынгæг арф мæсчъытæй нæ хъæр кæны змæст дон,—
йæ пырхкалæн дуртыл уый ихæй ныммыр.
Сур сыфтæрты бынæй нæу мыст дæр æзмæлдхъом,
салд æхсæр сæттын дæр уый не 'ндавы ныр.
Автор: БАГРАЕВ Созур