Æрæгйау мæ рæдуд
бæргæ базудтон.
Уæйугау æнæзунд
цæмæн адтæн?
Цæбæл адтæй мæ куд,
ци уин агурдтон?
Цæмæн адтæн агъуд,
кумæ уадтæн?
Нур мæ мард æнæвард
цæмæн изайуй?
Ку фæдтæн æз мæ цард
фудæбонæй.
Уæ гъæла мæмæ кард
цæбæл исласуй?
Кумæ хæссон мæ мард
уæ зиндонæй?
***
Æрæджйау мæ рæдыд
бæргæ базыдтон.
Уæйыгау æнæ зынд
цæмæн уыдтæн?
Цæуыл уыд мæ артуд,.
цы уын агуырдтон?
Цæмæн уыдтæн агъуд,.
кæдæм уадтæн?
Ныр мæ мард æнæвæрд
цæй тыххæй зайы?
Куы фæдæн мæ цардвæнд
фыдæбонæй.
Уæ сæрхъæн мæм згæ кард
цæмæн æсласы?
Кæдæм хæссон мæ мард
уæ зындонæй?
Автор: БАГРАЕВ Созур