— Сæрæн ка’й, сæрæн ка’й...
фæндур исцагъта.
— Æзз-æзс-æзз-æзс...
лæхъуæн искафта.
— Æз æ хай, æз æ хай...
кизгæ’йбæл зелуй.
Æрмдзæф, æрмдзæф...
сæ зилд исеу уй.
— Ду нæ, фал æз æ хай...
фæндургин цæгъдуй.
— Бæргæ к’уайсæ мæ хай —
фæндуй мæ, гъæй-уй!
Автор: БАГРАЕВ Созур