Цæсгом ци бæзгин æй.
Зæгъун куд æндеуис
æмбæлттæ, зæгъгæ?
Кæд дин хъæбæр зин æй,
уæд ду цæмæй реуис,
фурхуæрдæй сæйгæ!
Ду нин цæй æмбал дæ.
Мугкæгтæ ци’йтауис,
æфсерти уингæй?
Дзорунмæ малгъау дæ,
мæнги нæ фæгъгъауис
хуæдзелгæ фингæй.
Аргъ дин цъас’абази,
сæрти мабал кæсæ
мæгурти номæй.
Берæ’й нур къуар анзи
ма нæрсæ, ралæсæ
мæгурти гомæй.
Берæгъ дæ, фиййау дæ,
уæддæр хæтæл-уасæй
ци’скæнуйнаг дæ.
Зундгин дæ, гъæла дæ,
уæддæр уодæгасæй
нистъегъуйнаг дæ.
***
Цæсгом куыд бæзджын у.
Зæгъын куыд бауæндыс
æмбæлттæ, зæгъгæ?
Казд дын æцæг зын у,
уæд ма цæмæн вæййыс
фырхæрдæй сæйгæ!
Ды нын цæй æмбал дæ.
Мыггæгтæ ц' айтауыс
æфсиртæ уынгæ?
Ысдзырдмæ маргъау дæ.
Мæнгæй нæ фæхъауыс
хæд-зилгæ фынгæй.
Дæ аргъ — хуынкъ абази,
бæрзæндты мауал кæс
нæ мæгуырты номæй.
Фыд хъæрзтæй къорд азы
куы нал 'мæ нал кæсыс
нæ мæгуыр гонтæй.
Сыл бирæгъ, фосгæс дæ,
уæддæр хæтæлуастæй
цы скæнинаг дæ.
Хæрззонд дæ, зондцух дæ,
уæддæр нын удгасæй
ныстъигъинаг дæ.
Автор: БАГРАЕВ Созур