Хуæрзбон, фæндараст дæн,
нæ уæ гъæун.
Зиндонæй бафсастæн,
ку уин зæгъун.
Цæрун фуни радæ
дидинæгау.
Мæлун курдиадæ
фун уинæгау.
Уæфсхуæрттæ тонетæ
мæ рист царæй.
Æфсæнттæ еретæ
æмбурд къуарæй.
Хуæдмæл хъæбæр адгин
зудæ лæгæн.
Зонуй уæ гъæууаггин,
æвæццæгæн.
Зиндонæй бафсастæн,
уомæн зæгъун.
Хуæрзбон, фæндараст дæн,
нæ уæ гъæун.
***
Хæрзбон, фæндараст дæн,
нæ уæ хъæуын.
Зындонæй бафоæстæн,
куы уын зæгъын.
Цæрын мæ фыны рад
дидинагау.
Мæлын мæ курдиат
фын уынæгау.
Уæфсхортæ ратонут
мæ рыет цармæй.
Æфсæнттæ агурут
æмбырд къордæй.
Хæдмæл хъæбæр адджын
зыдгæнæгæн.
Зоны уæ хъуагджын,
æвæццæгæн.
Зындонæй бафсæстæн,
уымæн зæгъын.
Хæрзбон, фæндараст дæн,
нæ уæ хъæуын.
Автор: БАГРАЕВ Созур