Зæрдæрист æнцæ уе ’мбæлттæ...
Фуллер нæрсуй уæ тогæй.
Тугъди фæууй сæрнивæндтæ.
Тугъд дæр исуй нæ уогæй.
Фуллер сæттун нæ бакомдзæй,
хъйамæтæй мулк нæ тæрсуй.
Фал исомдзæй сумах рондзæй, —
карз лæг берæ нæ хæссуй.
Бандиудтонцæ уæ дууемæ...
Нæ реу сугъдæй нигъгъæрзуй.
Райгъустæй уæ гъæр дуйнемæ, —
дуйне тугъдæй ивæрзуй.
***
Зæрдæрыст æсты уе 'мбæлттæ...
Фуллер нæрсы уæ тугæй.
Хæсты вæййы сæрнывæндтæ.
Хæст дæр судзы нæ сугæй.
Фуллер сæттын бакомдзæн,
хъиамæтæй мулк нæ тæрсы.
Фæлæ сомдзæн сымах рондзæй, —
карз лæг бирæ нæ хæссы.
Ныфс бахастой уæ дыууæмæ...
Нæ риу сыгъдæй æхсиды.
Райхъуысти уæ хъæр дунемæ.
Дуне хæстæй æвзиды.
Автор: БАГРАЕВ Созур