Зарæ, ирон, де скъуд кæрци —
аци бон нин цини бон,
Ленин æма партий фæрци
ходуй нæмæ Гизæлдон.
Хор нæбæл æрттевгæ тунтæ
тар къумтæмæ нивæндуй.
Феронх уæн нæ берæ зинтæ,
се’ронх дæр нæ нæ фæндуй.
Хуæнхти сæрти не’ндон белтæй
ку байгæрдæн урух над.
Рохси фæрци не’нгом зеутæй
ку саразæн еумæ цард.
Зарæ ирон, абони бон
не’знæгтæн æй кæуйнаг.
Ленин æма партий фæндон
не’нкæтемæн кæнуйнаг.
***
Зар, ирон лæг, абоны бон
Махæн куы у цины бон.
Ленин æмæ лартийы фæрцы
Худы махмæ Джызæлдон.
Хур ныл тар къуымтæм йæ тынтæ
æрттивгæйæ нывæнды.
Ферох вæййынц бирæ зынтæ.
Се 'рох дæр нæ нæ фæнды.
Хæхты фæрсты не 'ндон белтæй
байгæрддзыстæм стыр фæндаг.
Рухсы фæрцы не 'нгом зиутæй
сараздзыстæм иумæ цард...
Зар, ирон лæг, абоны бон —
не знæгтæн дæр кæуинаг.
Ленин æмæ партийы фæндон
не 'ппæтæн дæр — кæнинаг.
Автор: БАГРАЕВ Созур