Фестын сæумæ æнæбары,
низджын лæгау фæнæтын.
Нал фæбыхсын мæ хæдзары,
тыргъы къуымты фæхæтын.
«Бадгæйæ та куы зайын», —
Рараст вæййын мæ куыстмæ.
Æнæ рæвдзæй фæуайын, —
Ничи кæсы мæ тыхстмæ.
Адæм заргæ фæкусынц,
Сæ хъал дзырд у сæ дарæг.
Мæн мæ цардмæ фæсурынц,
Цыма æз дæн сæ марæг.
Автор: БАГРАЕВ Созур