«Мæгуыр лæгæн йæ тæнæй
бирæгъ кæсы», — фæзæгъæм.
Куы фæхъæрзы нæ цæфæй —
худынмæ йыл æвдæлæм.
Æрцæуы дын йæ куыстæй
цæф арынмæ йæ фæрстæн.
Ныффæлмæцы фæстагмæ.
Цæй уæрдон ис æххуырстæн?
Йæ разæй дæр æндæр лæг
Йæ хæрæгыл гъæй кæны.
Нæй, нал цæуы йæ хæрæг,
йæ уаргъы уæзæй нæты.
Йæ фæндагæй фæчиудта
æмæ цъыфы нынныхсти.
Нæ фæллад лæг æрхæццæ —
нæ фæлыгъди æххуысæй.
Фæстейæ æмæ разæй
ныххæцынц ыл дыууæйæ.
Æнамонд у мæгуыр лæг —
æстыдта йын йæ дымæг.
Ныккуыдта йын зæрдбынæй:
«Рамардтон дын дæ хæрæг!»
Уый дæр дын ыл мæстджынæй
æрæвзæрста йæ лæдзæг.
Автор: БАГРАЕВ Созур