Зæрондæй нын нæуæг бонтæ
куыд æрцыди æнæнхъæлгæ,
нæ хъалы уый нæ уыдзæни,—
æвæццæгæн, нæ фын у.
Афтæ дзургæ нæ зæрæдтæ
æмбырдгæнгæ нæ хъæууынгты,
ныццин кæнынц, иунæг дæр сæ
куынал мæлы æрхуымæй.
Сæ астæу сын лæппудæр лæг
чысыл зонгæ куыд æсбæззыд,
тыхтонæгау æрдæгдзæфтæй
ист лæгты фыст фæкæсы.
Æнæ 'лдар лæг зæрдæхъæлдзæг,.
нæ дзых-бæттæн сыхалгæйæ —
нæ Урсдоны 'ппæрст æрцæугæ,
дардæй-дарддæр фæлæсы.
Сæ хисдæр сын кæугæ-дзургæ
зæрд'уынгæгæй, æнадзалæй
рæстдзинадыл чи фæмарди,
уыдон нæмттæ куы мысы.
Нæ ист лæгтæ нæ паддзахы
куы фæсырдтой сæ мадзалæй —
афтæ дзургæ, нæ лæхъуæнтæн
сæ ура-хъæр куы хъуысы.
Нæ чызджытæ сæ фæндыртæй
æсхъиугæ цагъд æснывæндынц;
Нæ хицæуттæй цауд чи уыди,—
бæздзысты нын хуыгæстæн.
Нæ устытæ фæсаууæттæй
кæрæдзимæ куы ныдздзурынц:
«Цы дзурынц уый, цы диссаг у,
куыд хабар у нæ бæстæн?»
Нæ паддзахæн нæ ист лæгтæ
ныммур кодтой йæ дæндæгтæ,
æлдардзинад, гæртамхортæй
фервæздзæнис Уæрæсе.
Сæ фырцинæй нæ хъæубæстæ
æд сылыстæг, æд нæлыстæг
сывæллонæй хæрз зæрондмæ
куы ныхъуырынц кæрæдзи.
Автор: БАГРАЕВ Созур