Нæ кусæг лæг, цы нын фæдæ?
Æрыхъал у, куы сæфыс, —
бахъуаджы бон куы никæд дæ
æнæ хъару, æнæныфс.
Цæмæннæ æстыс нæ хъæрмæ?
Бахъæудзæ нæ æрдхордæн,
цæмæннæ хæссыс дæ сæрмæ
æсæмбал уай нæ къордæн?
Куы нæ вæййыс, куы, æнæхсар,
цæмæн комыс æфхæрын?
Хъаруджын уæвгæ, дæ рухс бар
цæмæн уадзыс ныхъуырын?
Бафæраз хъазуат хæстхъомæй,
бæх нæ уæвгæ, фистæгæй, —
ма ныууадзай дæ цот гомæй,
кæуинагæй, кусæгæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур