Йæ райгуырæн боны
Буарыл уыд фæливæн дарæс,
арф зонды сæрбары сагъæс.
Сау зæрды мæсыг амайын,
бантысын дугъы рауайын.
Не знаг нæ хæхбæстæ исгæ,
хуыдта дæ сау хохы цæрæг,
æфцæгыл Гуырдзымæ лидзгæ,
хæрæг — дæ ирвæзынгæнæг.
Не знаг ма нæ бæстыл уæвгæ,
амы æхсызгон нæ хъæугæ, —
цыдтæ, дæ фæдтæ фæливгæ,
уæрмæй уæрммæ дæ хуыз ивгæ.
Уæддæр дæ тохы фæхъæртæм
уадысты хæрз талынг къуымтæй.
Уæддæр нæ Иры тыхст хъæутæм
тахтæ дæ алы базыртæй.
Ныр дæр дæ бирæ фæллæйттæ
æсты егъау тохы 'ууæлтау.
Хæсс дæ бирæ фыдæбæттæ,
цæр нæ цæуæты сæрвæлтау.
Автор: БАГРАЕВ Созур