Сæртæ сагъæстæ фæкæнынц,
къæхтæ сау цъыфæй æфхæлынц,
нал у схъæрзын дæр сæ бон.
Ныр фæхыл æсты æргомæй,
алчи дæр сæ буц йæ номæй,
алкæмæ дæр ис фæндон.
Чи кæй хæссы? Сæртæ — къæхты!
Чи кæй хæссы? Къæхтæ — сæрты!
Фидис байдайынц хъæрæй...
Гуыбынтæ æнцад куы цæрынц
æмæ бæзджын фиу æвæрынц,
мур дæр сæ хъыгдарæг нæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур