Ис фервæзæн
лапъардайы
дæндагæй.
Нæй фервæзæн
Коминтерны
фæндагæй.
Кæд урс хъазтæ
фæлмæн базтæ
агуырдтой.
Кæд сæ гæстæ
лæгъз ныхæстæ
радзырдтой, —
Оппозици
хорзæй ницы
равдыста.
Лапъарда чиу,
уымæ ничи
байхъуыста.
Ис фервæзæн
лапъардайы
дæндагæй.
Нæй фервæзæн
Коминтерны
фæндагæй.
Автор: БАГРАЕВ Созур