Бæргæ зылдтæн худаистæй
фæдисгæнгæ нæ хъæуыл.
Фæлæ фылдæр удаистæй
нæ куыстой хор, мæнæуыл.
Нæ конд хуымтæ цæмæн æсты
æнæ похци, æнæ рывд?
Нæ къордтæ дæр æрцыдысты,
нæ фæсайдтой сæ æмгъуыд.
Кæрæдзийæ æххуыс кæнын
куы баззади фыдæлтæй.
Фæлæ уæддæр цæуы кæуын —
хор дзаг уыдзæн цъæмæлтæй.
Иронæн, дам, йæ фыццагæй
йæ фæстаг зынд хуыздæр у.
Бахъуыди мæ мæ фыййагæй
бырон калын мæ сæрæй.
Цардхалджытæ, куыстсафджытæ
нæ нымæцæй фæхъуыди.
Искæй къухæй тынуафджытæ
нырмæ дæр дзы нæ хъуыди.
Автор: БАГРАЕВ Созур