Абайты Бекызæ райгуырди 1916–æм азы Хуссар Ирыстоны Сыбайы хъæуы зæхкусæджы хæдзары. Цыппар азы йыл цыд, афтæмæй йæ ныййарджытæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Ногиры. 1932–æм азы Бекызæ каст фæци авдазон скъола. Фæндыди йæ йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кæнын, фæлæ рынчын кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ рæстæгмæ ныууагъта æмæ ацыд хохмæ, Тырсыгоммæ. Куыста Окрохъанайы райдиан скъолайы ахуыргæнæгæй. Уыциу рæстæг фæсаууонмæ ахуыр кодта Тбилисы педагогон институты. Каст æй фæци 1938–æм азы.
Бекызæ æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ курдиат уыд алывæрсыг. Фыста музыкæ, цагъта скрипкæйæ, роялæй, иттæг дæсны уыд зарынмæ æмæ кафынмæ. Йе мдзæвгæтæ мыхуыры цыдысты хæсты размæ ирон газеттæ æмæ журналты. 1939–æм азы йæ акодтой æфсадмæ. 1943–æм азы хæсты быдыры æбæрæгæй фесæфт.
Тагъд нæ бæстæ фыдызнаджы уацары бахаудзæн, уый цыма зонгæ кодта йе 'нкъараг зæрдæйæ, уый бæрæг у мæнæ ацы æмдзæвгæйæ:
Кæцæй мæм æрцыди уæлахизы ныфс?
Цæмæн мæ фæхонынц хъæбатыр?
Мæ фыссæн, мæ хæлар, мæ фæндæттæ фысс.
Нæ ратдзыстæм знагмæ нæ бартæ.
Сæрибары сæрвæлтау райсин мæлæт,
Мæ цард дæр нывонд у мæ Ирæн.
Цы лæг тæрса тохы, уый авддæлдзæх уæд!
Хæстон у, æндон у мæ лирæ.
Æрбакæс мæм, ме мбал, æппæтæй–цæттæ.
Æппæлгæ нæ кæнын мæхицæй.
Хæстоны мæкъуыстæг, хæстоны цæнгтæ–
Хъæддыхдæр, тыхджындæр мæцъисæй!