КУЫВД
Нæ вæййы цард æдзухæй дæр æнæмæт,
Нæу алкæмæ дæр хорзæхтæй рæдау.
Дæ къухты ис, дæ бары ис нæ хъысмæт,
Фæдзæхсын дыл мæ кæстæры, Хуыцау!
Йæ цардвæндагыл бирæтыл æмбæлдзæн,
Кæйдæр зæрдæ дзы разындзæни сау,
Кæмæдæр дзы æфсармдзинад нæ уыдзæн,
Фыдæнхъæлæй мын бахизæд, Хуыцау!
Фылдæртæ сты кæрæф зондæй æнгæстæ,
Кæнынц фылдæртæ хорздзинад æфстау.
Æмрæнхъ сæ фарсмæ ма рлæууæд мæ кæстæр,
Зæрдæхудтæй йæ бахъахъхъæн, Хуыцау!
Мыййаг куы нал уа царды йын фæхæцæг,
Йæ хъысмæт йын куы разына уæззау,
Йæ зæрдæмæ куы ныххиза æрхæндæг,
Æнæ ныфсæй йæ ма ныууадз, Хуыцау!
Æвиппайды куы асæттой йæ тыхтæ,
Куы фæдзæгъæл уа а зæххыл куырмау,
Мыййаг куы слæууа ппæт дуне йæ ныхмæ,
Мæ кæстæрæй иу ма аздæх, Хуыцау!
Зындзинæдтæй куы фемæхса йæ цæссыг,
Куы сæвæра æппæт зæхх-бæстыл фау,
Куы дыл фæуа æнæзондæй дызæрдыг,
Ныббар ын иу, мæ кæстæрæн, Хуыцау...
Автор:
Басиева Залина Руслановна