ФЫДÆЛТЫ ЗÆХХ
Нæ дзуæртты бадæн Иры зæхх, нæ дарæг,
Ныййарæг мадау иунæг дæ, зынаргъ.
Нæ Ирыстон, нæ цины сæр, нæ зарæг,
Нæ хæзнадон, зæххыл кæмæн нæй аргъ.
Кæд райгуырæн бæстæ зæрдæйæ уарзыс,
Йæ кадыл ма уæд ноджы бафтау кад.
Фыдæлты зæхх - нæ цыт æмæ нæ намыс,
Фыдæлты зæхх - нæ адджындæр бынат.
Кæрдзындæттон нæртон адæм, Ирæттæ,
Нæ фидæнмæ хæссæм нæ ном фæрнæй.
Нæ фыдæлты зæхх фидауы æгъдæуттæй,
Нæ фыдæлты зæхх фидауы лæгтæй.
Нæ гыццыл Ир Хуыцауы стыр лæвар у,
Мæ цалынмæ ирон зæрдæ цæра,
Фыдæлты зæхх уыдзæн нæ ныфс, нæ хъару,
Фыдæй фыртмæ æнæивгæ хæзна.
Зындзинад макуы бафзарæд нæ бæстæ,
Хуыцау нын уыцы хорздзинад зæгъæд!
Нæ ирон номæй уæм æдзух сæрыстыр,
Ирон дзыллæ Хуыцауы фæдзæхст уæд!
Автор:
Басиева Залина Руслановна
CrPAFJWSvY
DHeYKwAmIy