НÆЙ АМОНД ГОМ КЪУХÆЙ ÆРЦАХСЫН
Нæй амонд гом къухæй æрцахсын -
Кæны цъыллинг.
Йæ уддзæф удцыренау адджын,
Йæ хуыз - зæрин.
Мæ хъысмæт кодта мыл æдзухæй
Куыдзау хæпп-хæпп.
Мæн артæй пиллонмæ æсхуыста,
Стæй ихыл - тъæпп.
Дæ дурын зæрдæйыл æнцонæй
Мæ ныфс ныммур.
Æз та æнæхинæй хуыдтон дæ
Мæ мæй, мæ хуыр.
Дæуæй хæстæгдæр æмæ дардтæй
Ныр мын цы ис?!
Æвиппайды æмæ æнæсцух æртуд бæллиц...
Автор:
Басиева Залина Руслановна
WwYrHDtx
ESxsfUOjTk
tgufwBIcYAZeXQ
EXhdGYRFIHCPj
Muchas gracias. ?Como puedo iniciar sesion?
vibVAcDBZMfxrkX
lVIhUdYJyuetKF