СЫМАХИМÆ ЦÆРЫН, ФÆЛÆ МÆ ДУГ...
2005-æм аз
***
Сымахимæ цæрын, фæлæ мæ дуг
Нæу ацы дуг, йæ дадзинты — уæ туг.
Нæ мæм хъарынц уæ кæфтытæ, уæ зард.
Куыд мæ батава давд сугтæй конд арт?!
Æнад мын у уæ нозт æмæ уæ хæрд,
Æз алцæмæй уæ цуры дæн æфхæрд.
Нæ дыргътæ сты фæйнæ дыргъдонæй хаст,
Сымахæн адджын циу, мæнæн уый — маст.
Кæм кæны фарн æппынæдзух фынæй,
Цæрын æз уым, æндæр гæнæн мын нæй.
Æвæццæгæн мæ раздæр мæлын хъуыд,
Кæнæ та мын фæстæдæр гуыргæ уыд.
Автор:
ДЗАСОХОВ Музафер