(Скъуыддзаг)
Мæскуыйæн
Рагæй бæллыдтæн йæ фенынмæ,
Хъуыстон ын рагæй йæ кой.
Не ’фтыд мæ къухы уый гъенырмæ,
Ссардтон дзы абон æнцой...
Урс Кавказ дард бæсты баззадис,
Дард у мæ балц та мæнæн.
Сагъæсыл ног хилтæ разадис —
Нæй мын мæ мастæн зæгъæн.
Цæй-ма, кæмæн кæнон зарджытæ?
Чи мын æмбардзæн мæ мæт?
Уынджы нæ фендзынæ барджытæ,
Иу сæ нæ дары нымæт.
Гъе, уæууæй, гъе, уæууæй, дард Кавказ,
Диссаг куыд нæ дæ ды дæр.
Курын дæ, рацу мæм, рафæлгæс,
Уарзын дæ абон фылдæр.
Зоныс мæ: рагæй дæ хъæбул дæн,
Иу дæ нæ уарзы мæ бæрц.
Цæй-ма, цы зæгъæм нæ фыдгултæн? —
Абон мын ласынц мæ кæрц.
Сагъæсæй зæрдæ ныйих уыдзæн,
Риуыл куы нал фена кæрц.
Дарæстæй никуы ис уый хуызæн,
Рагæй йæ уарзта нæ æрдз.
Рацу мæм, рацу мæм, сонт Кавказ! —
Абон дæм нал хæссын фау.
Дардæй мæм уарзонау рафæлгæс,
Сагъæстæй зæрдæ ныссау...
Курын, ныббар мын мæ сагъæстæ:
Фаг дæ нæ уарзтон кæддæр.
Уарзын дæ байдыдтон дард бæстæй,
Чи дæ фæмысдзæн фылдæр!
Курын дæ ноджы та, рацу мæм,
Нал у æнæ дæу мæ бон.
Истытæ сусæгæй адзурæм, —
Зонæм, цы ныл цæудзæн сом...
Автор: ФАРНИОН Коста