БИРÆТÆН БИРÆ НÆ БАНТЫСЫ...
Бирæтæн бирæ нæ бантысы...
Иннæтæй бирæтау цард
Сау хъæдмæ сусæгæй ахъуызы,
Баззайы аннæ æнкъард.
Алчи йæхи фæдыл фидæнмæ
Ивазы бонтæн сæ таг.
Бауарзтон хъусын æз изæрмæ,
Нал у мæ зæрдæ тæлфаг.
Мад мæм нæ рауайдзæн худгæйæ,
Тугæй куы ферхæцон, уæд.
Ниудзæн мыл иунæгæй, дудгæйæ,
Къулрæбын сидзæрæй уад.
Арæхстгай, тард куыдзау ниугæйæ,
Афардæг сусæг мæ цард.
Дард бæсты иу кæрон джиугæйæ,
Бамбийдзæн искуы мæ мард.
Бафæрсдзæн искæй мæ уæзæг-мад:
Цæй-ма, цы фæци мæ фырт?
Дзуапп ын-иу раттут: «Уый базаууат,
Дард бæсты ниуы йæ цырт».
Бирæтæн бирæ нæ бантысы...
Иннæтæй бирæгъау цард
Сау хъæдмæ сусæгæй ахъуызы,
Баззайы аннæ æнкъард.
Автор:
ФАРНИОН Коста