Æнусон цъититæ
Нæ уæндынц Хъæриумæ, ой,
Дардæй йæм фæлгæсынц, ой!
Мæ уарзон æмгæрттæ,
Ныззарæм, цæй, иумæ
Хъæбатыр цæргæсыл, ой!
Къæхтысæр фæндæгтыл
Сæгуыт дæр фæллайы, ой,
Æрбады ’мæ фесты, ой!
Гагкайты Алихан
Йæ цæфтæ нымайы,
Нымад ын нæ фесты, ой!
Нæ уарзон хæхбæсты
Куы скæны стыр хъызт уад, ой,
Кæд ниуы ахъаззаг, ой!
Германы сау хæстæй
Йæ кады ном сыхъуыст,
Йæхæдæг уым баззад, ой!
Бехъаны къуырфауы
Цы суадæтты цад ис, ой,
Йæ сæтæг мæм хъары, ой!
Хæстоны ингæныл
Цъæх кæрдæг æрзадис,
Цæссыг ыл фæуарыд, ой!
Æнæ ’рцæф æфсургъæн
Ехс дарын нæ хъæуы, ой,
Йæ ехс у йæ барæг, ой!
Алиханы мардыл
Ныууадзут уæ кæуын,
Ныззарут ыл зарæг,
Уæй, уæй, тох!
Автор: ДЗАСОХОВ Музафер