Удæй раздæрау уарзын æмгары,
Зонын хоры æфсирæн йæ аргь,
Фæлæ къухтæн фæлæмæгь сæ хъару,
Азты фыдвæндтæ — ме уæнтыл уаргь.
— Цæй, кæй ма хъæуы а лæг зæрондæй! -
Афтæ ма зæгъ, мæ уæнгджын кæстæр.
Ма кæс хистæрмæ схъæлæй, бæрзондæй,
Ды нæ дуджы æрыгон фæлтæр.
Цу фæндагыл зæрдæрухс, æхсарæй,
Арвæй ма суæд дæ хъысмæт къуындæг.
Хъуысæд дауджытæм цинæй дæ зарæг,
Кæд нæртон сты дæ туг æмæ стæг.
У фæндагыл ныфсдæттæг æмгарæн,
Макуы сæвзæрæд зæрдæйы тас.
Азтæ тагьд ысты - ихсийдзæн хъару,
Фæлæ ма уæд дæ уд æвæлмас.
Æз ныр дæр ма кæнын кæстæриуæг,
Лæджы цыт нæу йæ хъаруйæ барст.
Хорз сыхагæн бынат ис мæ риуы,
Ис мæ зæрдæйы адæмæн уарзт.
Автор: БРИТАЕВ Асланбек