Уалдзæджы цинтыл нæ кæнын дызæрдыг,
Уалдзæг нæ быхсы æнкъард.
Райсомы сатæгæй тавиц изæртæм,
Стауы йæ буц мæргьты зард.
Лæппутæ, чызджытæ - уарзты бæлæттæ,
Удтæй - кæрæдзимæ баст.
Уалдзæг сæ хоны йæ аууон бынæттæм,
Хъусы сæ сусæг ныхас.
Бирæ сты уалдзæджы аууон бынæттæ,
Лæппутæ уырдæм тындзынц.
Уым, дам, æрвон зæдтæ диссаг кæлæнтæ,
Усгурты удтæн кæнынц.
Иу ахæм уалдзæджы, тавиц изæрæй,
Ссыгъди фæскъæвда æрдын.
Артау ыссыгьди мæнæн та мæ зæрдæ, -
Хурау мæм бахудтæ ды.
Уацайраг скодтай мæн мидбылты худтæй,
Амбылдтай зæдты, рæсугъд...
Уалдзæг æмбудын, фæлæ Мæ удæн,
Дидинæг калдта дæ уд.
Автор: БРИТАЕВ Асланбек