Æз хъизæмæрттæн райгуырдтæн, фыдбонтæн,
Ды та уыдтæ æмдзугæнæг чындзхонтæн.
Цæрæнбонты нæ бавзæрстай зынæй
Ды ницы, кодтой де уæнгтæ фынæй.
Къæхты бæсты дын годзыкъæхтæ ис,
Нæ зонынц уыдон дурæфхæлды рис.
Дæ фæндæгтæ уыдысты алкæд лæгъз,
Мæнæн — къуыппытæ, дард сæм уыди фæз.
Фырцинæй калд дæ цæстысыг дæуæн,
Мæ мастцæссыгтæн та нæ уыд фæуæн.
Дæумæ ма ис ныр дæр быцæутæ арæзт,
Кæйдæр фæрцы дæ хъуыддæгтæ сты арæзт.
Æз дæм нæ кæнын ницæмæй хæлæг,
Дæ хуызæттæн тæригъæд кæны лæг.
Кæмæ нæ хъары адæймаджы хъæр,
Кæмæн нæ риссы адæмыл йæ сæр.
Мæнæн зын хæссæн алкæм дæр мæ уаргъ,
Æз фистæг дæн, дæуæн дæ быны — саргъ.
Уæддæр Хуыцауæй æз нæ кæнын хъаст,
Уæддæр æз хонын ме Скæнæджы раст.
Мæ ныхыфыст æвзарын у мæ хæс
Æмæ йæ дарддæр ахæсдзынæн æз.
Автор: ДЗАСОХОВ Музафер